Сæйраг фарс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Перейти к навигации Перейти к поиску

Табуафси Википедимæ,

фыццаг иронау фыст энциклопедимæ. Бацархай ды дæр!

Абон у æртыццæг, 2022-æм азы 6 апрель. Ныртæккæ ирон æвзагыл ис 15 498 уацы (статьяйы).

Bluebg.png

PL Wiki Aktualnosci ikona.svg
Ног хабæрттæ
Sample of copper 100g.jpg
Æрхуы сыф
2022-æм азы 24 февралы
2022-æм азы 21 февралы
2022-æм азы 3 февралы
  • Уæрæсе Æрдзон газ срæмыгъди Дæллаг Новгороды цæрæн хæдзæрттæй иуы, фæндзæм уæладзыджы фатеры мидæг. Иу адæймаг фæцæф.
2022-æм азы 31 январы
  • Цæгат Ирыстон Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд ГАÆ «Кристалл»-ы директорты советы уæнг Владимир Матюшкоимæ. Ныхас цыдис, республикæйы тагъд рæстæджы сыгъдæг æрхуы кæм уадздзысты, уыцы куыстуат цæттæ кæныныл.
2022-æм азы 30 январы
  • Украинæ Изæры Киевы облæсты поезд скъуырдта автобус «Богдан». Автобус афтидæй цыдис, шофыры йеддæмæ дзы ничи уыдис. Шофыры аластой рынчындонмæ, йæ анализтæм гæсгæ уыд æвронг.
2022-æм азы 26 январы
  • Кæсæг-Балхъар Кæсæг-Балхъары æппæт ахуырдзаутæ, 11-æм къласты йеддæмæ, нал цæуынц ахуыртæм, эпидемийы аххосæй.
2022-æм азы 24 январы
  • Цæгат Ирыстоны ахуырдзауты нымæцæй æртыккæгæм хай не ’рбацыдысты уроктæм, фæрынчын кæй сты, уый тыххæй. Скъолатæ æхгæд цæуынц 29 январы онг.
2022-æм азы 18 январы
2022-æм азы 3 январы

Цæугæ цаутæ: Хæст Украинæйы · Сирийы мидхæст · Эфиопийы мидхæст · COVID-19 пандеми · иннæтæ

Bluebg.png

HSutvald2.svg
Уацы дæнцæг

Статьяйы дæнцæг

Коцойты Арсены къам

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырд 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, фæзиан ис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895-æм азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Калачы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

«Æфсир» æхгæд куы ’рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).

«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

Bluebg.png

HSBild.svg
Боны ныв
Flicker hole in CP (31848).jpg
Самец золотого дятла, Центральный парк, Нью-Йорк, США
Greenbg right.png
Мæйы темæ!
Nuvola apps krita.png

Мæйы бæстæ сси Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон:

Хуыздæргæнинаг сты: Цхинвал, Къуайса, Хуссар Ирыстоны Хæст (2008), Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ æмæ бирæ æндæртæ.

Мæйы темæ æвзæрст не ’рцыдис; раздæры темæ уыдис Алани (ФК):

Фен, цы бакæнæн и, уый.

Ног темæ бадæттæн æмæ фæдылдзог мæйы темæтæм хъæлæс кæнæн ис сæрмагонд фарсыл »»»

Greenbg right.png
Категоритæ
Vista-xmag.png

P biology.svg Æрдз

Адæймаг Зайæгойтæ Цæрæгойтæ

P Society.png Æхсæнад

Адæмтæ Дин Политикæ Хæстытæ Спорт Фенддæгтæ

P parthenon.svg Æрдз иртасæг зонад

Астрономи Биологи Географи Математикæ Физикæ Хими

P vip.svg Адæймаджы иртасæг зонад

Археологи Экономикæ Философи Истори Социологи

Botany P icon.png Ирыстон

Ирон æвзаг Ирон мыггæгтæ Цæгат Ирыстон Хуссар Ирыстон
Greenbg right.png
Диссæгтæ ног уацтæй
P agnostic.svg
  • 2021-æм азы Африкæйы хуыздæр сахарыл банымæдтой Найроби.
  • Колумбийы ис вулкан Галерас, тынг арæх дзы æрцæуынц сирвæзтытæ. Афтæ 1993-æм азы, иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ, вулканы кратеры фæмард сты 6 геолоджы, йæ хуылфмæ куы ныххызтысты уæд райдыдта вулканы сирвæзт.
  • Византийы императортæ æппæтæй дæр уæздан адæм нæ уыдысты, уымæн æмæ дзы уыдис фадат бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ саразгæйæ кæнæ æфсады хæстон кад бакусгæйæ. Афтæ зæгъæм император Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, Василий I уыд зæхкусæг, уый фæстæ та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис зæхкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.
  • Боливийы хох Чакалтаяйыл цы егъау æнусон цъити ис, уый иртæстытæм гæсгæ сæвзæрдис 18 милуан азы размæ. Афтæмæй боныхъæды ивды тыххæй дзы 1980-æм азæй фæхъуыдис 80 %, 2010 азы кæронмæ та хъуамæ бынтондæр фесæфа.
Greenbg right.png
Википеди æндæр æвзæгтыл
Wikipedia-logo.png

Кавказы æвзæгтыл хайæдтæ:

Bluebg.png

Wikimedia-logo.svg
Фонд Викимедийы æндæр проекттæ
Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр: